20 Калевӕн радтой Хеврон, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ йӕ Анакы ӕртӕ байзӕддагӕй байста.
Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.
Фӕлӕ ӕндӕрхуызон у мӕ цагъар Калевы удысконд — уый Мыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, ӕмӕ йӕ Ӕз бакӕндзынӕн, амӕй размӕ цы бӕсты уыдис, уырдӕм. Йӕ байзӕддӕгты хай бауыдзӕн уыцы бӕстӕ!
Ничи, Иефоннейы фырт Калевы йеддӕмӕ, — уый йӕ фендзӕн. Калев ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн Ӕз ратдзынӕн, йӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй“.
Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Еглонӕй ацыд Хевроны сахармӕ. Схӕцыдысты йӕ ныхмӕ
Уыцы заман Йешуа Анакы байзӕддӕгты ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд ныккодта — Хеврон, Девир ӕмӕ Анавы сахарты, Иудӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт хӕхбӕсты. Ӕд сахартӕ сӕ фесӕфта, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодта.
Хеврон раздӕр хуынди Кирйат-Арба. Уыцы Арба уыди тӕккӕ номдзыддӕр анакаг лӕг. Бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.
Хевроны цӕрӕг ханаанӕгтӕм бабырстой (раздӕр Хеврон Кирйат-Арба хуынди) ӕмӕ амардтой Шешай, Ахиман ӕмӕ Талмайы.