Фӕтӕгтӕ 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕйы байзӕддӕгтӕ. Ӕз сын ацы зӕхх сӕ къухмӕ дӕттын». Faic an caibideil |
Уӕд Иудӕйы фӕдонтӕ се ’фсымӕртӕн, Симеоны байзӕддӕгтӕн, загътой: «Цомут немӕ, нӕ зӕххы хай байсынмӕ нын баххуыс кӕнут, ханаанӕгты ныхмӕ немӕ хӕстмӕ рацӕут. Мах дӕр уемӕ ацӕудзыстӕм уӕ зӕххы хай байсынмӕ». Ӕмӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ ацыдысты семӕ. Иудӕйы фӕдонтӕ араст сты балцы. Дунедарӕг сын радта уӕлахиз, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты басастой, Безекы сахары дӕс мин лӕджы амардтой.