Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Иудӕ бацахста Газӕ ӕмӕ, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон, стӕй Ашкелон, Екрон ӕмӕ сӕ алфамбылай зӕххытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:18
14 Iomraidhean Croise  

Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.


Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.


стӕй, се ’хсӕн ӕцӕгӕлонӕй чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн; Уцы бӕстӕйы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; филистимаг зӕххы ӕппӕт паддзӕхтӕ — Ашкелон, Газӕ ӕмӕ Екрон, стӕй, Ашдоды цӕрджытӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн;


Газӕ, хъыггӕнгӕ, адасдзӕн йӕ сӕр, ныхъхъус уыдзӕн Ашкелон. О, дӕлвӕзы ма чи аирвӕзт, уыдон! Уӕ буӕрттӕ кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут?»


Газӕйы алфамбылай цӕрӕг аввайӕгты та, Кафторӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕм ныццагътой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты.


Израилы зӕххыл Анакы байзӕддӕгтӕй иу дӕр нал баззади. Сӕрӕгасӕй ма аирвӕзтысты ӕрмӕстдӕр Газӕ, Гат ӕмӕ Ашдоды сахарты.


Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй.


Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны ’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг.


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти.


Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.


Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се ’ппӕт дӕр.


Филистимӕгтӕ Дунедарӕгӕн, сӕ аххос хынцгӕйӕ, цы сыгъзӕрин къуызыртӕ снывонд кодтой, уыдон уыдысты: иу — Ашдоды, иу — Газӕйы, иу — Ашкелоны, иу — Гаты, иу та — Екроны тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan