Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Симеоны фӕдонтӕ, Цефаты цы ханаанӕгтӕ царди, уыдоны ныхмӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныццагътой. Сахар ӕлгъыстаг фӕкодтой ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой. Уӕдӕй нырмӕ сахары ном хуыйны Хорма.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:17
6 Iomraidhean Croise  

Аса дӕр йӕ ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ ӕрлӕууыди Марешайы цур, Цефатайы дӕлвӕзы.


Уыцы хӕхты цӕрӕг амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ сӕ размӕ ралӕууыдысты ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой, сӕ уӕлныхты сӕ айстой ӕмӕ сӕ Хормайы раз балӕууын кодтой.


Дунедарӕгмӕ фехъуысти Израилы сомы, ӕмӕ йын ханаанӕгты йӕ къухмӕ радта. Израилӕгтӕ сын ӕлгъыстаг фӕкодтой сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ сахартӕ дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат хонынц Хорма.


Елтолад, Бетул, Хорма,


Уӕд Иудӕйы фӕдонтӕ се ’фсымӕртӕн, Симеоны байзӕддӕгтӕн, загътой: «Цомут немӕ, нӕ зӕххы хай байсынмӕ нын баххуыс кӕнут, ханаанӕгты ныхмӕ немӕ хӕстмӕ рацӕут. Мах дӕр уемӕ ацӕудзыстӕм уӕ зӕххы хай байсынмӕ». Ӕмӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ ацыдысты семӕ. Иудӕйы фӕдонтӕ араст сты балцы. Дунедарӕг сын радта уӕлахиз, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты басастой, Безекы сахары дӕс мин лӕджы амардтой.


Хормамӕ, Бор-Ашанмӕ, Атахмӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan