Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы ’хсӕн ӕрцардысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:16
26 Iomraidhean Croise  

ӕхсӕзӕм — Оцем, ӕвдӕм — Давид.


Ноджы ма Иавецы цӕрӕг софериӕгты мыггӕгтӕ: тирайӕгтӕ, шимайӕгтӕ, сухайӕгтӕ. Адон се ’ппӕт дӕр рехавонты фыдӕл Хамматы артӕй рацӕуӕг кенӕгтӕ сты.


Уыцы заман паддзах Ахаз йӕ минӕвӕртты ӕххуысагур арвыста Ассирийы паддзӕхтӕм.


Мидианы сауджын Ифро, Моисейы каис, фехъуыста, Хуыцау Моисей ӕмӕ Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, стыр хӕрзты кӕй бацыд ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Мысыры зӕххӕй кӕй ракодта, уый.


Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


Моисей йӕ каисӕн фӕндараст загъта, ӕмӕ уый йӕ бӕстӕм аздӕхт.


Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.


Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.


Моисей хӕдзармӕ куы бафтыди, уӕд йӕ каис Ифройӕн загъта: «Бар мын ратт, ӕмӕ Мысырмӕ аздӕхон, ме ’фсымӕртӕ ма ӕгас сты ӕви нӕ, уый бабӕрӕг кӕнон». Ифро йын загъта: «Цу фарнимӕ».


«Ацу рехавонтӕм ӕмӕ сӕ ӕрбахон Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ агъуыстытӕй иумӕ, сӕ разы-иу сын сӕн ӕрӕвӕр».


Негеваг Арады паддзах, ханаанаг, фехъуыста, Атариммӕ фӕндагыл кӕй фӕцӕуынц израилӕгтӕ. Семӕ схӕцыди ӕмӕ дзы кӕйдӕрты уацары райста.


Уыцы рӕстӕг фӕзындис Аргъауӕг Иоанн ӕмӕ Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры хъусын кодта:


Негев дӕр, Йерихон дӕр, Пальмӕты сахартӕ, суанг Цоары онг.


Загъта йын Дунедарӕг: «Уый дын, уӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн кӕй тыххӕй басомы кодтон, уыцы бӕстӕ. Дӕ цӕстӕй дын ӕй фенын кодтон, фӕлӕ йӕм дӕ къах нӕ бавӕрдзынӕ».


Хормайы паддзах, Арады паддзах,


Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты сахартӕ уыдысты: Йерихон, Бет-Хогла, Емек-Кециц,


Уый загъта: «Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, Негевы мын зӕххы хай радтай, ӕмӕ мын ӕххӕст донгуырӕнтӕ дӕр ратт». Ӕмӕ йын Калев уӕллаг ӕмӕ дӕллаг донгуырӕнтӕ радта.


Еглон аммонӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидтис ӕмӕ Израилы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди, израилӕгтыл фӕуӕлахиз ӕмӕ Пальмӕты сахар бацахста.


Уыцы заман Каины фӕдон Хевер кенӕгтӕй, Моисейы каис Ховавы фӕдонтӕй йӕхи фӕхицӕн кодта. Кедешмӕ хӕстӕг, Цаананнимы тулдзы цур, йе ’фсадимӕ рӕсӕнуат скодта.


Сисера ӕрбалыгъдис Йаелы, кенӕгты байзӕддаг Хеверы усы, цатырмӕ. Хеверы мыггаг Хацоры паддзах Йавинимӕ цӕдисонтӕ уыдысты.


Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.


уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ».


Рахалмӕ, йерахмеелонты сахартӕм, кенӕгты сахартӕм,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan