Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Хевроны цӕрӕг ханаанӕгтӕм бабырстой (раздӕр Хеврон Кирйат-Арба хуынди) ӕмӕ амардтой Шешай, Ахиман ӕмӕ Талмайы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:10
12 Iomraidhean Croise  

Амарди Кирйат-Арбайы (ома Хевроны), Ханааны зӕххыл. Авраам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл.


Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,


Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.


Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.


Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.


Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Еглонӕй ацыд Хевроны сахармӕ. Схӕцыдысты йӕ ныхмӕ


Хеврон раздӕр хуынди Кирйат-Арба. Уыцы Арба уыди тӕккӕ номдзыддӕр анакаг лӕг. Бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.


Калевӕн радтой Хеврон, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ йӕ Анакы ӕртӕ байзӕддагӕй байста.


Уый фӕстӕ хӕхты, Негев ӕмӕ Шефелайы чи цард, уыцы ханаанӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ ацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan