Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 1:1
17 Iomraidhean Croise  

Иосафат ма паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс».


Моисей дзуапп радта йӕ каисӕн: «Адӕм мӕм ӕрбацӕуынц, цӕмӕй сын фӕрсон Хуыцауы.


Амындтыты риуылдарӕны бавӕр урим ӕмӕ туммим, хъуамӕ уой Аароны риуыл, Дунедарӕджы размӕ-иу куы цӕуа, уӕд. Аарон Дунедарӕджы раз куы лӕууа, уӕд кӕддӕриддӕр йӕ риуыл уӕнт Дунедарӕджы амындтытӕ Израилы адӕмӕн.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты.


уӕд Ӕз дӕр, Нуны фырт Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ ма ацы ран цы адӕмтӕ баззад, уыдонӕй иуы дӕр нал фӕсурдзынӕн».


Дунедарӕджы лӕггадгӕнӕг Нуны фырт Йешуа куы амард, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы.


Баныгӕдтой йӕ йӕхи зӕххы хайы, Тимнат-Хересы сахары, Ефремы хӕхты, Гаашы хохы цӕгатварс.


Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».


Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»


Уый фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой. (Уыцы заман Дунедарӕджы Фидыды Чырын уым уыди,


йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн».


Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы ’хсӕн бамбӕхсти».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan