3 Уыцы ныхас куы фехъуыстон, уӕд мӕ дарӕстӕ, ӕддагӕй-мидӕггагӕй, фыр адӕргӕй арӕдывтон фӕйнӕрдӕм, мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ боцъотӕ тыдтон. Цавддурау бадтӕн,
Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр.
Паддзах Езекиамӕ бызгъуыртӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны уагдар, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — фидиуӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы хистӕр дзагдары ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:
Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.
Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста. Зӕххыл ныддӕлгом ис
Адӕймаг у дымгӕйы ӕрбадымдау, йӕ царды бонтӕ аууонау ӕрбайсӕфынц.
цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.
Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.
Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.
Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!
Уӕд бацыдтӕн Кевары доны цур Тел-Авивы цӕрӕг хаст адӕммӕ. Уым баззадтӕн ӕмӕ сӕм авд боны зӕрдӕнкъуыстӕй фӕдӕн.
Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се ’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст.
Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.
Ӕз, Даниил, ахӕм ӕнӕбон сдӕн, ӕмӕ цалдӕр боны ӕруатон дӕн. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд дарддӕр куыстон мӕ паддзахӕн. Цы мын раргом, уыдӕттӕ мӕ стыр дисы бафтыдтой, ӕмӕ сӕ мӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕ уыди.
Сауджынтӕн сӕ сӕр дасын, сӕ зачъетӕ цыбыр кӕнын ӕмӕ сӕ буар лыгтӕ кӕнын не ’мбӕлы.
Дӕ сӕрыхъуынтӕ адас, ныхъхъарӕг кӕн дӕ уарзон хъӕбултыл! Хӕдмӕлхорау ныггӕмӕх кӕн дӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ дын дӕ сабиты уацары акодтой!
Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.