Езра 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ацы хабӕртты фӕстӕ, Персы паддзах Артаксерксы заман, Езра — Серайы, Азариайы ӕмӕ Хилкиайы, Faic an caibideil |
Уыдон бацыдысты алчер Хилкиамӕ ӕмӕ йын радтой, адӕм Хуыцауы хӕдзармӕ цы ӕвзист ӕрбахастой, уый. Кувӕндоны къӕсӕрыл цы хъахъхъӕнӕг-левиттӕ лӕууыд, уыдон сӕ ӕрӕмбырд кодтой Менассиа ӕмӕ Ефремы байзӕддӕгтӕй, стӕй, израилӕгтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдонӕй, ноджы ма Иудӕ ӕмӕ Бениамины ӕппӕт фӕдонтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй.
Уый уыд Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азы, нисаны мӕйы. Паддзахы раз сӕн уыди. Ӕз дзы кӕхцы ӕркодтон ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдтон. Паддзах мӕ уымӕй размӕ ӕнкъардӕй никуы федта, ӕмӕ мын загъта: «Цӕуыл ӕнкъард дӕ? Рынчын нӕ дӕ, уый бӕрӕг у, фӕлӕ, бӕлвырд, дӕ зӕрдӕйы цыдӕр хъыг ис». Мӕнӕн мӕ уд фӕтахти.