Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ сӕм Доны Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ бафарстой, чи уын бар радта, цӕмӕй ацы бӕстыхай дарддӕр аразат ӕмӕ ацы къултӕ кӕронмӕ амайат, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 5:3
12 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.


Паддзах хъуамӕ зона, йӕ разӕй рацӕуӕг иудейӕгтӕ кӕй ӕрбацыдысты махмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ ногӕй аразынц ацы ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕхъхъаг сахар. Йӕ къултӕ йын амайынц, йӕ бындуртӕ йын фидар кӕнынц.


«Рехум, уынаффӕйы лӕг, нымӕрдар Шимшай ӕмӕ сӕ иннӕ ӕмкусджытӕ — динайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, тарплайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, аркевӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, дегайӕгтӕ, еламӕгтӕ Шушанӕй,


Мӕнӕ бӕстон, Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ, цӕугӕдоны фаллаг фарс цӕрӕг афарсатхӕгтимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой, уый мидис.


Мах аразджыты бафарстам, чи уын радта ацы агъуыст ногӕй рацаразыны ӕмӕ ацы къултӕ самайыны бар, зӕгъгӕ,


Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ паддзах Дарийы бардзырд сӕххӕст кодтой.


Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе ’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй.


Ӕз, паддзах Артаксеркс, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хӕзнадартӕн се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхсын: сауджын Езра, Уӕларвон Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕг, цыдӕриддӕр бадома, уый йын дӕттут ӕвӕстиатӕй:


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»


Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan