Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уыйадыл Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Иоцадакы фырт Йешуа, семӕ, ӕххуыс сын чи кодта, Хуыцауы уыцы пехуымпартӕ, афтӕмӕй Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 5:2
16 Iomraidhean Croise  

Хӕзнадар Митредатӕн сӕ рахӕссын кодта Персы паддзах Кир, ӕмӕ сӕ Митредат номхыгъдмӕ гӕсгӕ Шешбаццармӕ, Иудӕйы фӕтӕгмӕ, радта.


Сауджынты фырттӕй ӕндӕрмыггаг бинойнӕгтӕ кӕмӕн разынди, уыдон уыдысты: Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йе ’фсымӕрты лӕппутӕ — Маасеа, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедалиа.


Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.


Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.


Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Ӕрымысут-ма ӕрӕджыйы заман — фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй абоны онг, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ цы рӕстӕг рацыди, уый. Ӕркӕсут лӕмбынӕг!


Уӕд мын уый загъта: «Уыдон сты дыууӕ байсӕрсты, ӕгас зӕххы Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынц».


Ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Уый цы у, ме ’лдар?»


Ӕвзист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин райс, сараз кады худ ӕмӕ йӕ ’ркӕн стыр алчер Йешуайы сӕрыл, Иоцадакы фыртыл.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн Йӕ Кувӕндоны бындур ӕвӕрд цы бон ӕрцыд, аразын ӕй куы райдыдтой, уыцы бон пехуымпартӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдонӕн сӕ ныфс ма фӕцудӕд!


Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan