1 Фӕлӕ пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, Израилы Хуыцауы тыххӕй пехуымпар ныхас кодтой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрӕг иудейӕгтӕн.
Афтӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразыны куыст ӕрлӕууыд ӕмӕ Персы паддзах Дарийы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм азмӕ размӕ нал ацыди.
Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ.
Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.
Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.
Ӕрымысут-ма ӕрӕджыйы заман — фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй абоны онг, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ цы рӕстӕг рацыди, уый. Ӕркӕсут лӕмбынӕг!
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн Йӕ Кувӕндоны бындур ӕвӕрд цы бон ӕрцыд, аразын ӕй куы райдыдтой, уыцы бон пехуымпартӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдонӕн сӕ ныфс ма фӕцудӕд!