Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 4:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 «Рехум, уынаффӕйы лӕг, нымӕрдар Шимшай ӕмӕ сӕ иннӕ ӕмкусджытӕ — динайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, тарплайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, аркевӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, дегайӕгтӕ, еламӕгтӕ Шушанӕй,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 4:9
16 Iomraidhean Croise  

Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.


Ассирийы паддзах израилӕгты бӕсты Самаримӕ ӕрбакодта ӕндӕр адӕмты йӕ бӕстӕйы сахартӕй: Вавилонӕй, Кутайӕ, Аввайӕ, Хаматӕй ӕмӕ Сефарваимӕй. Уыдон бацахстой Самарийы зӕхх ӕмӕ йын йӕ сахарты ӕрцардысты.


Уынаффӕйы лӕг Рехум ӕмӕ нымӕрдар Шимшай Йерусалимы ныхмӕ сӕ иу фыстӕджы афтӕ фыстой Артаксерксмӕ:


Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ сӕм Доны Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ бафарстой, чи уын бар радта, цӕмӕй ацы бӕстыхай дарддӕр аразат ӕмӕ ацы къултӕ кӕронмӕ амайат, зӕгъгӕ.


Мӕнӕ бӕстон, Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ, цӕугӕдоны фаллаг фарс цӕрӕг афарсатхӕгтимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой, уый мидис.


Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе ’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй.


йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ самариаг ӕфсӕддонты раз: «Цы архайынц ацы ницӕйаг иудейӕгтӕ? Ау, ахӕм бар сын ратдзысты, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссой? Ау, сӕ куыст искуы кӕронмӕ фӕуыдзысты? Ау, дуртӕ, чи ныртхутӕг, уыцы сыгъд дуртӕ ныхъхъӕбӕр уыдзысты?»


Уӕд Ксерксы паддзахы бадӕн Шушаны уыди.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».


Зимри, Елам ӕмӕ Мидийы ӕппӕт паддзӕхтӕн;


Иудейы паддзах Цедекиа хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас Еламы тыххӕй.


Уым — Елам йе ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ йӕ цырты алыварс; дӕлдзӕхмӕ ӕнӕсунӕтӕй чи ныццыд, уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй; дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.


Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.


Не ’хсӕн ис парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ еламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудей ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Азийы,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan