Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Артаксерксы заман дӕр Бишлам, Митредат, Тавел ӕмӕ се ’мбӕлттӕ арамейаг дамгъӕтӕй ныффыстой Артаксерксмӕ, Персы паддзахмӕ, арамейаг ӕвзагыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 4:7
12 Iomraidhean Croise  

Хилкиайы фырт Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Мах зонӕм арамейӕгты ’взаг, ӕмӕ уыцы ’взагыл дзур Дӕ цагъартимӕ, дзуттаг ӕвзагыл нӕ, фӕлӕ, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».


Иудӕ ӕмӕ Бениамины знӕгтӕн сӕ хъустыл ӕрцыд, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынц, зӕгъгӕ.


Паддзах дзуапп арвыста уынаффӕгӕнӕг Рехуммӕ ӕмӕ нымӕрдар Шимшаймӕ, стӕй Самарийы ӕмӕ доны фале иннӕ сахарты цӕрӕг сӕ иннӕ ӕмбӕлттӕм: «Дунейы фарн уын ӕххуысгӕнӕг уӕд!


Уынаффӕйы лӕг Рехум ӕмӕ нымӕрдар Шимшай Йерусалимы ныхмӕ сӕ иу фыстӕджы афтӕ фыстой Артаксерксмӕ:


«Рехум, уынаффӕйы лӕг, нымӕрдар Шимшай ӕмӕ сӕ иннӕ ӕмкусджытӕ — динайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, тарплайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, аркевӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, дегайӕгтӕ, еламӕгтӕ Шушанӕй,


Мӕнӕ бӕстон, Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ, цӕугӕдоны фаллаг фарс цӕрӕг афарсатхӕгтимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой, уый мидис.


Ацы хабӕртты фӕстӕ, Персы паддзах Артаксерксы заман, Езра — Серайы, Азариайы ӕмӕ Хилкиайы,


Паддзахы бардзырд фехъусын кодтой паддзахады барджынтӕн ӕмӕ доны фале цӕрӕг бынӕттон хицӕуттӕн, ӕмӕ уыдон баххуыс кодтой израилӕгтӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары ӕнцой лӕууыдысты.


Уый уыд Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азы, нисаны мӕйы. Паддзахы раз сӕн уыди. Ӕз дзы кӕхцы ӕркодтон ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдтон. Паддзах мӕ уымӕй размӕ ӕнкъардӕй никуы федта, ӕмӕ мын загъта: «Цӕуыл ӕнкъард дӕ? Рынчын нӕ дӕ, уый бӕрӕг у, фӕлӕ, бӕлвырд, дӕ зӕрдӕйы цыдӕр хъыг ис». Мӕнӕн мӕ уд фӕтахти.


Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Немӕ, дӕ цагъартимӕ, арамейаг ӕвзагыл дзур, уымӕн ӕмӕ йӕ мах ӕмбарӕм. Иудейагау нӕм ма дзур, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».


Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы ’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ. Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе ’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн.


Халдейаг куырыхонтӕ паддзахӕн дзуапп радтой арамейаг ӕвзагыл: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Мах стӕм дӕ цагъартӕ. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan