Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Цӕмӕй хъуыддагӕй мацы рауайа, уый тыххӕй уынаффӕгӕнджытӕн гӕртӕмттӕ лӕвӕрдтой. Афтӕ кодтой, Кир Персы паддзах куы уыди, уӕд. Афтӕ кодтой Дарийы паддзахиуӕджы райдайӕны онг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 4:5
9 Iomraidhean Croise  

Ахавы байзӕддӕгты фӕзмгӕйӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ уынаффӕгӕнджытӕ уыдон уыдысты ӕмӕ йӕ сӕфтмӕ ӕркодтой.


Афтӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразыны куыст ӕрлӕууыд ӕмӕ Персы паддзах Дарийы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм азмӕ размӕ нал ацыди.


Уыйадыл уымы адӕм иудейӕгты размӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрын райдыдтой, тӕрсын сӕ кодтой ӕмӕ сын сӕ арӕзтад къуылымпы кодтой.


Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


Фӕлӕ иудейаг хистӕртӕн сӕ Хуыцау ӕххуыс кодта, ӕмӕ сӕ нӕ бахъыгдӕрдтой. Хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй уал Даримӕ ныффыстой ӕмӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты.


Ӕз раздӕр дӕр фӕзындаин, фӕлӕ Персы хъахъхъӕнӕг зӕд иу ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хӕцыди мӕ ныхмӕ. Персы паддзӕхты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд мӕм ӕххуысмӕ фӕзынди Михаел, уӕлдӕр хъахъхъӕнӕг зӕдтӕй иу.


Ниневи, дӕуӕй рантысти, Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи аразы, ӕнӕхуыцау уынаффӕтӕ чи кӕны, уый!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan