Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыйадыл уымы адӕм иудейӕгты размӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрын райдыдтой, тӕрсын сӕ кодтой ӕмӕ сын сӕ арӕзтад къуылымпы кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 4:4
11 Iomraidhean Croise  

Саулы фырт Йевосфет, Авнер Хевроны фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыста, уӕд йе уӕнгтӕ ӕруагъта. Бакатай кодтой Израилы адӕм дӕр.


Кӕд ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй ӕдас нӕ уыдысты, уӕддӕр нывондхӕссӕн йӕ бынаты сӕвӕрдтой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ, сӕумӕйы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕ, судзын райдыдтой Дунедарӕджы номыл.


Цӕмӕй хъуыддагӕй мацы рауайа, уый тыххӕй уынаффӕгӕнджытӕн гӕртӕмттӕ лӕвӕрдтой. Афтӕ кодтой, Кир Персы паддзах куы уыди, уӕд. Афтӕ кодтой Дарийы паддзахиуӕджы райдайӕны онг.


Нӕ фыдгултӕ та дзырдтой: «Ӕвиппайды се ’хсӕн куыд февзӕрдзыстӕм, куыд сӕ ныццӕгъддзыстӕм ӕмӕ хъуыддаг куыд ӕрбайхалдзыстӕм, уый уыдон зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты».


йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ самариаг ӕфсӕддонты раз: «Цы архайынц ацы ницӕйаг иудейӕгтӕ? Ау, ахӕм бар сын ратдзысты, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссой? Ау, сӕ куыст искуы кӕронмӕ фӕуыдзысты? Ау, дуртӕ, чи ныртхутӕг, уыцы сыгъд дуртӕ ныхъхъӕбӕр уыдзысты?»


Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна.


Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».


Ӕз раздӕр дӕр фӕзындаин, фӕлӕ Персы хъахъхъӕнӕг зӕд иу ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хӕцыди мӕ ныхмӕ. Персы паддзӕхты ныхмӕ хӕцгӕйӕ, иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд мӕм ӕххуысмӕ фӕзынди Михаел, уӕлдӕр хъахъхъӕнӕг зӕдтӕй иу.


Уӕд мын уый загъта: «Цӕмӕн дӕм ӕрцыдтӕн, уый зоныс? Ӕз хъуамӕ аздӕхон ӕмӕ дарддӕр тох кӕнон Персы хъахъхъӕнӕг зӕды ныхмӕ. Уый фӕстӕ та фӕзындзӕн Бердзены хъахъхъӕнӕг зӕд. Фӕлӕ уал дын ӕз, Ӕцӕгады чиныджы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарын кӕндзынӕн. Уӕ сӕрхъуызой Михаелы йеддӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ фарс чи схӕца, уый нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan