Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ сын Зоровавел, Йешуа ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты иннӕ хистӕртӕ загътой, махӕн, дам, уемӕ аразгӕ нӕу хӕдзар нӕ Хуыцауӕн. Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, мах нӕхӕдӕг сараздзыстӕм хӕдзар, Персы паддзах Кир нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 4:3
16 Iomraidhean Croise  

Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд:


Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.


Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.


Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.


Ӕз сын загътон: «Уӕларвон Хуыцау ныл рӕстаудӕн кӕны, ӕмӕ мах, Йӕ цагъартӕ, аразынмӕ бавналдзыстӕм, сымах та Йерусалимы ницы хъуыддаг ис, хай дӕр ӕмӕ уын дзы бар дӕр нӕй».


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Нӕ Мӕ зыдтай, фӕлӕ дӕм Ӕз Мӕ цагъартӕ ӕмӕ Ме ’взӕрстыты — Йаковы байзӕддаджы, Израилы адӕмы сӕраппонд — фӕсидтӕн дӕ номӕй ӕмӕ дӕ скадджын кодтон.


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)


Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan