Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Зоровавел ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Мах дӕр уемӕ Кувӕндон араздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Ассирийы паддзах Есар-Хаддон ам куы ’рцӕрын кодта, уӕдӕй абонмӕ мах дӕр сымахау нӕхи уӕ Хуыцауыл фӕдзӕхсӕм ӕмӕ Йын нывӕндтӕ хӕссӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 4:2
19 Iomraidhean Croise  

Уыцы зӕххӕй ацыди Ассиримӕ, ӕмӕ уым сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах,


Ассирийы паддзах израилӕгты бӕсты Самаримӕ ӕрбакодта ӕндӕр адӕмты йӕ бӕстӕйы сахартӕй: Вавилонӕй, Кутайӕ, Аввайӕ, Хаматӕй ӕмӕ Сефарваимӕй. Уыдон бацахстой Самарийы зӕхх ӕмӕ йын йӕ сахарты ӕрцардысты.


Дунедарӕгӕн кад кодтой, фӕлӕ сӕхи гуымирытӕн дӕр кодтой лӕггад. Суанг сӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕ дӕр ныронг дӕр фӕзмынц сӕ фыдӕлты.


Иуахӕмы йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны куы куывта, уӕд ӕй йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер кардӕй амардтой ӕмӕ Арараты бӕстӕм алыгъдысты. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.


Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.


Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:


Раздӕры Кувӕндон чи ӕрӕййӕфта, уыцы сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй, зӕрӕдтӕй бирӕтӕ, ног Кувӕндоны бындурмӕ кӕсгӕйӕ, ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕ та сӕ цин нӕ урӕдтой ӕмӕ ӕхсызгон хъӕртӕ кодта.


Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.


О нӕ Хуыцау! Стыр, хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, Йӕ Фидыд Чи нӕ рох кӕны, уыцы рӕстаудӕг Хуыцау! Ныр нын фагыл банымай, нӕхӕдӕг, нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ, нӕ пехуымпартӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ Дӕ адӕм иууылдӕр ассириаг паддзӕхты заманӕй абоны онг цы хъизӕмӕрттӕ февзӕрстой, уыдон.


Дзырдтой сӕхинымӕр: «Бынтондӕр сӕ ныццӕгъдӕм!» Хуыцаумӕ-иу кӕм куывтам — ӕгас бӕстӕйы уыцы бынӕттӕ басыгътой.


Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Ассирийы паддзах Санхериб ӕмӕ баззади Ниневийы.


Йӕ хуыцау Нисрохы кувӕндоны кувгӕ куыд кодта, афтӕмӕй йӕ кардӕй амардтой йӕ фырттӕ Адрамелех ӕмӕ Сарецер ӕмӕ алыгъдысты Арараты бӕстӕм. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Есар-Хаддон.


Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.


кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.


Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan