Езра 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст12 Паддзах хъуамӕ зона, йӕ разӕй рацӕуӕг иудейӕгтӕ кӕй ӕрбацыдысты махмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ ногӕй аразынц ацы ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕхъхъаг сахар. Йӕ къултӕ йын амайынц, йӕ бындуртӕ йын фидар кӕнынц. Faic an caibideil |
Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».