1 Иудӕ ӕмӕ Бениамины знӕгтӕн сӕ хъустыл ӕрцыд, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынц, зӕгъгӕ.
Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыди фондз мин цыппарсӕдӕ. Адӕм Вавилонӕй Йерусалиммӕ фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр йемӕ райста Шешбаццар.
Афтӕ ацыд уацарӕй ӕрбаздӕхджыты хъуыддаг. Езра-сауджын алы хӕдзарвӕндагӕн дӕр йӕ хистӕры равзӕрста, се ’ппӕтмӕ дӕр номхуындӕй фӕдзырдта. Ӕвзӕрст лӕгтӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй дӕсӕм мӕйы фыццаг бон ӕрӕмбырд сты.
Уӕдмӕ ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы фехъусын кодтой, уацары чи уыди, уыдон Йерусалиммӕ куыд ӕрӕмбырд уой.
Цин чи кодта ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй чи ӕрдиаг кодта, уый зын равзарӕн уыди: сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр хъӕр кодтой хъӕлӕсыдзагӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр дардмӕ хъуысти.
Израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр райгӕ скуывтой Хуыцауы хӕдзарӕн.
Фыццаг мӕйы фыццаг бон рараст ис Езра Вавилонӕй ӕмӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон бахӕццӕ Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау Йӕ арм дардта.
Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?
Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.
кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын уым ис сӕрибар ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат.