Езра 3:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст9 Йешуа, йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, Кадмиел ӕмӕ йӕ фырттӕ — Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕджы хӕдзар саразыныл чи архайдта, уыдонмӕ хъусдарджытӕ систы. Афтӕ Хенадады фырттӕ дӕр сӕ левит фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ — уыдон дӕр систы хъусдарджытӕ. Faic an caibideil |
Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.