Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 3:8
14 Iomraidhean Croise  

Уыдонӕй Дунедарӕджы хӕдзары куысты урӕд ӕрцыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мины, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй — ӕхсӕз мины,


Йехониайы фырттӕ: Асир, уый фырт — Шеалтиел;


Сауджынты фырттӕй ӕндӕрмыггаг бинойнӕгтӕ кӕмӕн разынди, уыдон уыдысты: Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йе ’фсымӕрты лӕппутӕ — Маасеа, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедалиа.


Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:


Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.


Афтӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразыны куыст ӕрлӕууыд ӕмӕ Персы паддзах Дарийы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм азмӕ размӕ нал ацыди.


Фӕлӕ сын Зоровавел, Йешуа ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты иннӕ хистӕртӕ загътой, махӕн, дам, уемӕ аразгӕ нӕу хӕдзар нӕ Хуыцауӕн. Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, мах нӕхӕдӕг сараздзыстӕм хӕдзар, Персы паддзах Кир нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Уыцы Шешбаццар ацыди ӕмӕ Хуыцауы хӕдзарӕн бындур сӕвӕрдта Йерусалимы. Уӕдӕй нырмӕ Хӕдзарыл архайд цӕуы, ӕмӕ арӕзт нӕма фӕци.


Уыйадыл Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Иоцадакы фырт Йешуа, семӕ, ӕххуыс сын чи кодта, Хуыцауы уыцы пехуымпартӕ, афтӕмӕй Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой.


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


«Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.


дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan