6 Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой Дунедарӕджы номыл, фӕлӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд нӕма уыди.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг хӕссын райдыдтой ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд, хастой нывӕндтӕ алы мӕйноджы дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы алы сыгъдӕг бӕрӕгбоны дӕр, уымӕй уӕлдай ма кувджытӕй алчидӕр Дунедарӕджы номыл хаста бархийы нывӕндтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.
«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон уын уӕд ӕнцойбон, сыкъауадындзты уаст-иу уазӕмбырдмӕ фӕсидӕд.
Мацы-иу бакусут, Дунедарӕгӕн-иу нывӕндтӕ ӕрхӕссут».
Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон та уын уӕд уазӕмбырд, мацы куыст кӕнут, уыцы бон-иу сыкъауадындзты уасын хъуысӕд.
Акусарт-иу кӕнут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр, авд фыргуисты — ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.