Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 3:2
33 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Хуыцауы минӕвар Моисейы байзӕддӕгтӕ та нымад ӕрцыдысты левиттыл.


Йехониайы фырттӕ: Асир, уый фырт — Шеалтиел;


Педаиайы фырттӕ: Зоровавел ӕмӕ Шими. Зоровавелы фырттӕ: Мешуллам ӕмӕ Хананиа, сӕ хо — Шеломит.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Сауджынты фырттӕй ӕндӕрмыггаг бинойнӕгтӕ кӕмӕн разынди, уыдон уыдысты: Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йе ’фсымӕрты лӕппутӕ — Маасеа, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедалиа.


Иммеры фырттӕй — Ханани ӕмӕ Зевадиа;


Харимы фырттӕй — Маасеа, Илийа, Шемайа, Йехиел ӕмӕ Узийа;


Пашхуры фырттӕй — Елйоенай, Маасеа, Измаел, Нетанел, Йозавад ӕмӕ Еласа;


Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:


Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.


Уыйадыл Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Иоцадакы фырт Йешуа, семӕ, ӕххуыс сын чи кодта, Хуыцауы уыцы пехуымпартӕ, афтӕмӕй Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой.


Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Йешуаимӕ уацарӕй ӕрбаздӕхтысты сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ. Сауджынтӕ: Серай, Йеремиа, Езра,


Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,


Акъацийӕ сараз нывондхӕссӕн: фондз ӕлмӕрины — дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины.


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ ӕмӕ пехуымпар Аггейы ныхӕстӕм байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ йӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ Хуыцау. Адӕмы тас бацыди Дунедарӕджы раз.


Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.


— Зӕгъ Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн: Ӕз арв ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кӕндзынӕн,


Ӕмӕ уыцы бон ды, Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иудейы бӕстыхицау, Мӕ лӕггадгӕнӕг, Мӕнӕн суыдзынӕ Мӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз сӕвзӕрстон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн.


Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.


Ӕвзист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин райс, сараз кады худ ӕмӕ йӕ ’ркӕн стыр алчер Йешуайы сӕрыл, Иоцадакы фыртыл.


«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.


Иоанан, Риса, Зоровавел, Шеалтиел, Нери,


Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan