Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕвдӕм мӕй, Израил сӕ райгуырӕн сахарты куы ’рбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 3:1
16 Iomraidhean Croise  

Иннӕ адӕмӕй чидӕртӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин минӕйы; сауджыны фӕлыст — ӕхсай авд фӕлтӕры.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты».


Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ.


ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн уылты цы ’Гъдау радта, уым фыстӕй ссардтой, ӕвдӕм мӕй израилӕгтӕн бӕрӕгбон кӕй у ӕмӕ уыцы рӕстӕг халагъудты кӕй хъуамӕ цӕрой, уый.


Мӕнӕ уын мыггагмӕйы уагӕвӕрд: ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон ком дарут, мачи уӕ мацы кусӕд: нӕдӕр бынӕттон цӕрӕг, нӕдӕр, уе ’хсӕн чи ӕрцӕра, уыцы ӕрцӕуӕггаг.


«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон уын уӕд ӕнцойбон, сыкъауадындзты уаст-иу уазӕмбырдмӕ фӕсидӕд.


Ӕмӕ уӕд Ӕз адӕмты ӕвзӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн, цӕмӕй иууылдӕр Дунедарӕджы ном арой ӕмӕ Йын ӕмзӕрдӕйӕ лӕггад кӕной.


Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.


Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд уыдысты. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын иумӕйаг уыди.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы ӕмбарат ӕмӕ хицӕнтӕ ма кӕнат, фӕлӕ уат ӕнгом — ӕмуд ӕмӕ ӕмзонд.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan