Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 10:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 10:9
10 Iomraidhean Croise  

Сыстади Езра, сауджын, ӕмӕ загъта: «Ӕндӕрмыггаг сылгоймӕгты кӕй ракуырдтат, уый уын фыдракӕнд уыди, ӕмӕ афтӕмӕй Израилы азымы баппӕрстат.


Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд!


Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты ’хсӕн хъоды бакӕндзысты.


афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.


Ксерксӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз бахызти йӕ къӕсӕрӕй Естер. Уый уыди дӕсӕм мӕйы, теветы.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


Уый куы фӕзӕгъы, уӕд къӕвда рауары, зӕххы кӕрӕттӕй мигътӕ сисы. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Уый рарвиты ӕрвӕрттывдтӕ, Йе ’вӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ.


Уыцы азы фарӕстӕм мӕйы паддзах царди йӕ зымӕгон хӕдзары.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan