Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 10:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 10:3
25 Iomraidhean Croise  

Йехода иудейаг адӕм ӕмӕ паддзахӕн Дунедарӕгимӕ фидыд саразын кодта. Адӕмы сӕйраг хӕс — Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. Ноджы ма Йехода саразын кодта фидыд паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр.


Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.


Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.


«Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут мӕн тыххӕй, стӕй ма, Израил ӕмӕ Иудейы сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдоны тыххӕй дӕр. Цы чиныг ссардӕуыд, уым цы фыст ис, уыдӕттӕн цы кӕнгӕ у? Уымӕн ӕмӕ нӕм Дунедарӕг тынг мӕсты у, нӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ кӕй ницӕмӕ дардтой ӕмӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, ууыл».


Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уый тыххӕй хатыр ракурут Дунедарӕгӕй, уӕ фыдӕлты Хуыцауӕй, ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнут Йӕ фӕндон: ахицӕн ут дунейы иннӕ адӕмтӕй ӕмӕ уе ’ндӕрмыггаг устытӕй».


Адонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ устытӕ уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй. Иуӕй-иутӕн дзы уыди сывӕллӕттӕ.


Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты.


афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.


Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа;


ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн уылты цы ’Гъдау радта, уым фыстӕй ссардтой, ӕвдӕм мӕй израилӕгтӕн бӕрӕгбон кӕй у ӕмӕ уыцы рӕстӕг халагъудты кӕй хъуамӕ цӕрой, уый.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мах аразӕм бардзырд, йӕ быны сӕ къухтӕ ӕвӕрынц ӕмӕ фыст афтӕмӕй фидар кӕнынц нӕ фӕтӕгтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ».


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».


Абон Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ацы фидыд аразы ӕмӕ йӕ фидар кӕны ӕлгъыстытӕй,


Йешуамӕ ӕрбацыдысты Гилгалы рӕсӕнуатмӕ ӕмӕ йын Израилы адӕмы раз загътой: «Дард бӕстӕй уӕм курӕг ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй немӕ саразат сабырдзинады бадзырд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan