Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 1:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыди дзы: сыгъзӕрин тӕбӕгътӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз, ӕвзист тӕбӕгътӕ — мин, кӕрдтӕ — фараст ӕмӕ ссӕдз;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 1:9
14 Iomraidhean Croise  

будсудзӕнтӕ, къустӕ. Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон иууылдӕр рахаста хъахъхъӕнджыты хицау Невузарадан.


Куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд паддзах ӕмӕ Йеходамӕ бахастой, ӕхцайӕ ма цы баззади, уый. Уыцы фӕрӕзтӕй Дунедарӕджы Кувӕндонӕн арӕзт ӕрцыдысты алы дзауматӕ: мигӕнӕнтӕ уаз лӕггадӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ хӕссынӕн, ноджы ма цолпытӕ ӕмӕ алы ӕндӕр мигӕнӕнтӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй. Цалынмӕ Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны иудадзыг иууылсудзинаг нывӕндтӕ хастой.


Ноджы ма Хурам скодта къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, тугпырхгӕнӕн кӕхцытӕ. Ӕмӕ уыйадыл Хурам фӕци, Соломонӕн Хуыцауы Кувӕндоны цы куыстытӕ кодта, уыдон. Уый сарӕзта:


Ноджы ма сарӕзта дӕс фынджы ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты сӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй. Сарӕзта сӕдӕ сыгъзӕрин кӕхцы, туг пырх кӕнынӕн.


сыгъзӕрин кӕхцытӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдз, алыхуызон ӕндӕр кӕхцытӕ — цыппарсӕдӕ дӕс, ӕндӕр алы дзауматӕ — мин.


Барст-нымадӕй сын сӕ радтон сӕ къухтӕм: ӕвзист — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай таланты; ӕвзист мигӕнӕнтӕ — сӕдӕ таланты уӕзӕн; сыгъзӕрин — сӕдӕ таланты;


ссӕдз сызгъзӕрин кӕхцы — мин драхмӕйы аргъ ӕмӕ, сыгъзӕрины аргъ кӕмӕн ис, ахӕм ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд дыууӕ мигӕнӕны.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ барст-нымадӕй райстой ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, цӕмӕй сӕ Йерусалиммӕ нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кӕной.


Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;


Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan