8 Хӕзнадар Митредатӕн сӕ рахӕссын кодта Персы паддзах Кир, ӕмӕ сӕ Митредат номхыгъдмӕ гӕсгӕ Шешбаццармӕ, Иудӕйы фӕтӕгмӕ, радта.
Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыди фондз мин цыппарсӕдӕ. Адӕм Вавилонӕй Йерусалиммӕ фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр йемӕ райста Шешбаццар.
Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:
Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны кувӕндоны кӕй сӕвӕрдта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ паддзах Кир уырдыгӕй рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ, Иудейы бӕстӕйӕн хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, йӕ ном Шешбаццар, уымӕ радта.
Уыцы Шешбаццар ацыди ӕмӕ Хуыцауы хӕдзарӕн бындур сӕвӕрдта Йерусалимы. Уӕдӕй нырмӕ Хӕдзарыл архайд цӕуы, ӕмӕ арӕзт нӕма фӕци.
Уыйадыл Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Иоцадакы фырт Йешуа, семӕ, ӕххуыс сын чи кодта, Хуыцауы уыцы пехуымпартӕ, афтӕмӕй Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой.
Ӕз вавилойнаг Белы бафхӕрдзынӕн, цыдӕриддӕр аныхъуырдта, уыдон ын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн. Адӕмтӕ йӕм нал цӕудзысты, Вавилоны систӕ ныппырх уыдзысты.
Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.
Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.