Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 1:5
11 Iomraidhean Croise  

Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд:


Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.


Ӕндӕр рӕттӕм чи фӕхауди, кӕмфӕнды уӕд, уыдонмӕ та бынӕттон цӕрджытӕ, Хуыцауы Кувӕндонӕн мысайнӕгтӕ раттынӕй уӕлдай, фӕкӕсӕнт ӕвзист, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕй“».


Сыстадтӕн ӕхсӕвыгон, мемӕ чи уыди, уыцы цалдӕр адӕймаджы дӕр рабадын кодтон. Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрды Йерусалимӕн цы саразын уыди, уый зӕгъгӕ дӕр никӕмӕн кодтон. Цы хайуаныл ӕрбацыдтӕн, уымӕй уӕлдай мемӕ фосӕй ницы уыди.


Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.


Бузныг Хуыцауӕй, мах уыл куыд ӕнувыд стӕм, афтӕ Титӕн дӕр сымахыл ӕнувыд уӕвыны зӕрдӕ кӕй радта, уый тыххӕй.


уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.


Мӕ уарзон хӕлар, ӕвзӕр цы у, уый ма фӕзм, фӕлӕ фӕзм, хорз цы у, уый. Хӕрзгӕнӕг Хуыцауӕй у; хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый та Хуыцауы нӕ федта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan