Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕндӕр рӕттӕм чи фӕхауди, кӕмфӕнды уӕд, уыдонмӕ та бынӕттон цӕрджытӕ, Хуыцауы Кувӕндонӕн мысайнӕгтӕ раттынӕй уӕлдай, фӕкӕсӕнт ӕвзист, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕй“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 1:4
15 Iomraidhean Croise  

Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Ис ма мӕм мӕхи сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр, ӕмӕ мӕ Хуыцауы хӕдзар кӕй уарзын, уый тыххӕй сӕ дӕттын, ацы сыгъдӕг хӕдзарӕн цы ӕрцӕттӕ кодтон, ӕппӕт уыдӕтты уӕле:


Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.


Имнайы фырт Коре, левит, уыди скӕсӕйнаг кулдуары дуаргӕс. Уый дзуапп лӕвӕрдта, Хуыцауӕн бархийӕ цы хуынтӕ хастой, уыдонӕн, стӕй уӕрста Дунедарӕгӕн хаст нывӕндтӕ ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕ снывонд чындӕуыд, уыдон.


Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.


Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕнаипп Дӕ Ды! Уымӕн ӕмӕ мах абоны онг сӕрӕгас стӕм ӕмӕ не ’наккаг митимӕ Дӕ разы лӕууӕм, афтӕмӕй та нын ахӕм миты фӕстӕ хъуамӕ Дӕ разы лӕууӕн ма уаид».


Афтӕ израилӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр Дунедарӕгӕн хастой бархи лӕвӕрттӕ, Дунедарӕг Моисейӕн цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн.


Чи ма дзы фервӕза, уыдон раздӕхдзысты, Йаковы байзӕддӕгтӕ раздӕхдзысты хъомысджын Хуыцаумӕ.


Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон.


Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan