Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Езра 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Езра 1:2
34 Iomraidhean Croise  

Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!»


Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Фӕлӕ сын Зоровавел, Йешуа ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты иннӕ хистӕртӕ загътой, махӕн, дам, уемӕ аразгӕ нӕу хӕдзар нӕ Хуыцауӕн. Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, мах нӕхӕдӕг сараздзыстӕм хӕдзар, Персы паддзах Кир нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Загъта йын, цӕмӕй уыцы мигӕнӕнтӕ Йерусалимы Кувӕндонмӕ фӕхӕсса. Уадз ӕмӕ, дам, Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ бынаты сырӕза.


Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт.


Паддзах куы сси, уымӕн йӕ фыццаг аз Кир бардзырд радта Йерусалимы Хуыцауы хӕдзары тыххӕй: нывӕндтӕ кӕм хӕссынц, уыцы ран ын бындур ӕвӕрд ӕрцӕуӕд, ӕмӕ дзы сырӕзӕд. Йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ уӕрх уӕнт фӕйнӕ ӕртиссӕдз ӕлмӕрины.


«Ӕз, Артаксеркс, паддзӕхты паддзах, сауджын Езрайӕн, Уӕларвон Хуыцауы алцӕмӕй ӕххӕст Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕгӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр,


Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:


Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!


Фыдбылызӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ Дыл ӕз иузӕрдион дӕн! Фервӕзын кӕн Дӕ лӕггадгӕнӕджы, уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ, мӕхи Дӕуыл фӕдзӕхсын!


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Скӕсӕны Чи растын кодта рӕстӕвзары, Чи йӕ рацӕуын кодта Йӕ фӕдыл? Йӕ дӕлбар ын бакодта адӕмты, йӕ къӕхты бын — паддзӕхты. Уый сӕ йӕ кардӕй фӕнык фестын кодта, йӕ фатӕй сӕ ныззыгуым кодта.


Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Дунедарӕг зӕгъы Йӕ байсӕрст Кирӕн: «Ӕз дын дӕ рахиз къухыл фидар хӕцдзынӕн. Дӕ дӕлбар дын бакӕндзынӕн адӕмты, паддзӕхтӕн байсдзынӕн сӕ хъомыс ӕмӕ-иу дын байгом кӕндзынӕн алы дуар, алы кулдуар.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?


Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ.


Даниил паддзахы галуаны лӕггад кодта, цалынмӕ Кир Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси, уӕдмӕ.


Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.


Фӕлӕ уӕлӕрвты ис сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау, ӕмӕ Уый паддзах Навуходоносорӕн раргом кодта, рӕстӕджы кӕрон цы ӕрцӕудзӕнис, уыдӕттӕ.


Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты.


Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.


Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.


Уӕд Дарий фехъусын кодта: «Дунейы адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ! Фарн уӕм бадзурӕд!


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan