10 сыгъзӕрин кӕхцытӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдз, алыхуызон ӕндӕр кӕхцытӕ — цыппарсӕдӕ дӕс, ӕндӕр алы дзауматӕ — мин.
Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыди фондз мин цыппарсӕдӕ. Адӕм Вавилонӕй Йерусалиммӕ фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр йемӕ райста Шешбаццар.
Уыди дзы: сыгъзӕрин тӕбӕгътӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз, ӕвзист тӕбӕгътӕ — мин, кӕрдтӕ — фараст ӕмӕ ссӕдз;
Ноджы ма райстой ӕгтӕ, ӕвгӕнӕнтӕ, ӕртыскӕнтӕ, кӕхцытӕ, куыситӕ — кувыны рӕстӕг цы мигӕнӕнтӕй пайда кодтой, уыдон иууылдӕр.
Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;