5 Иудейӕгтӕ се знӕгты иууылдӕр ныццагътой, кард дзы никӕмӕй раздӕхтой, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой, аккаг сын фесты.
Сӕ байзӕддӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ зӕхх сӕхи бакодтой. Ды сын уыцы зӕххы цӕрджыты, ханаанӕгты, басӕттын кодтай; сӕ паддзӕхтимӕ ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмтимӕ сын сӕ радтай сӕ къухтӕм, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут, зӕгъгӕ.
Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ.
Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.
Шушаны фидары иудейӕгтӕ ралӕууыдысты ӕмӕ амардтой фондзсӕдӕ адӕймаджы.
Ныр Дӕ фӕндонӕй стонг бавзарӕнт, кардӕй сӕ фӕмар, уадз ӕмӕ сбирӕ уой идӕдзтӕ! Сӕ цот ӕмӕ сӕ лӕгтӕй ӕнӕхай фӕуӕнт, сӕ лӕппутӕ карды амӕттаг бауӕнт хӕсты!
Хуыцау у рӕстаг, ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарут, уыдоныл ӕруадздзӕнис бӕллӕхтӕ.