Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕн ӕмӕ бирӕ бартӕ уыди Мардохейӕн паддзахы хӕдзары. Йӕ кой паддзахады алы кӕрӕттӕм айхъуысти. Бонӕй-бон хъомысджындӕр кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:4
14 Iomraidhean Croise  

Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст ныддӕргъвӕтин. Давид тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, Саулы хӕдзар та заууатмӕ цыди.


Давиды хъомыс кодта фылдӕрӕй-фылдӕр — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.


Ӕмӕ айхъуысти Давиды ном ӕппӕт бӕстӕтыл, Дунедарӕджы фӕндонӕй дзы стъӕлфын байдыдтой ӕппӕт адӕмтӕ иууылдӕр.


Мардохейы лӕгдзинад ӕмӕ намысджын хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, паддзах ӕй цы бӕрзӕндтӕм систа, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сӕ бынат ссардтой Миди ӕмӕ Персы азфыстыты.


Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм ракастысты хӕлар цӕстӕй. Уӕдӕ Моисейӕн та стыр кад уыдис фараоны дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры хуымӕтӕг адӕмы ’хсӕн.


Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.


Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan