Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Цӕмӕй йӕ афоныл бӕрӕггонд цӕуа Пурим, ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейы фыстӕджыты куыд дзырдӕуы, афтӕ, ӕгъдауыл. Сӕ комдарӕн ӕмӕ хъарӕггӕнӕн бонты иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг куыд схатдзӕг кодтой, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:31
4 Iomraidhean Croise  

Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы».


«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».


Ныр, паддзахы уынаффӕ кӕдӕмдӕриддӕр фехъуысти, уымыты, алы ран дӕр, иудейӕгтӕ стыр катайы бацыдысты — хойраг сӕ дзыхмӕ нал истой, рыджы хаудӕй куыдтой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой сӕ бызгъуыр дарӕсты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan