Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Бынӕттон уӕлдӕр хицауӕй, ӕнӕуи хицауӕй, бардарӕй, паддзахы хъуыддӕгтӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй — иууылдӕр Мардохейы тасӕй дзуттӕгты фарс фесты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:3
9 Iomraidhean Croise  

Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у:


Паддзахы бардзырд фехъусын кодтой паддзахады барджынтӕн ӕмӕ доны фале цӕрӕг бынӕттон хицӕуттӕн, ӕмӕ уыдон баххуыс кодтой израилӕгтӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзары ӕнцой лӕууыдысты.


Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи ’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой.


Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.


Загъта: «Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх ис ӕмӕ йын кӕд уыцы хъуыддаг фӕндон у ӕмӕ йӕ растыл нымайы, уӕд аивӕд, агагаг Хаммедатайы фырт Аман ӕппӕт паддзахады иудейӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый.


Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.


Навуходоносор фӕсидти йӕ паддзахады барджынтӕм, уллутӕм, уынаффӕйы лӕгтӕм, хӕзнадартӕм, тӕрхоны лӕгтӕм, чапартӕм ӕмӕ ӕппӕт зылдты хицӕуттӕм, цӕмӕй гуымирыйӕн бакувынмӕ ӕрбацӕуой. Се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ, Навуходоносор кӕй сӕвӕрын кодта, уыцы гуымирыйы раз ӕрлӕууыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan