Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:25
19 Iomraidhean Croise  

уӕд ын уӕларвӕй фехъус йӕ ардбахӕрд ӕмӕ йын Дӕ раст тӕрхон рахӕсс: азымджын у — бафхӕр ӕй, ӕназым у — йӕ маст ын райс ӕмӕ цас раст у, уымӕ гӕсгӕ йӕ Дӕ хорзӕхӕй барӕвдау!


Фӕлӕ ӕрмӕст Мардохейы бафхӕрын йӕхицӕн ӕгадыл банымадта. Мардохей иудейаг у, уый йын куы загътой, уӕд сфӕнд кодта ӕппӕт дзуттӕгты дӕр фесафын. Хъуамӕ, Ксерксы паддзахады цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътаид. Бон ӕмӕ мӕй снысан кӕныны тыххӕй та Аман, Ксерксы паддзахиуӕгӕн йӕ дыууадӕсӕм азы фыццаг мӕй, нисаны, пур (ома хӕлттӕ) сӕппарын кодта, ӕмӕ дыууадӕсӕм мӕйы — адары — хал схауди.


Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.


Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».


«Чи у уагӕры? — баййардта паддзах Ксеркс Естеры. — Ӕмӕ кӕм ис, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ ныфс чи бахаста, уый?»


О Дунедарӕг Хуыцау, ӕрмӕстдӕр Дӕумӕ у мӕ каст, мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл: ма мӕ фесаф!


Фыдгӕнджыты къӕппӕджытӕй, сӕ ахсӕн хызтӕй мӕ бахиз!


Искӕмӕн дзыхъхъ чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххауы.


Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы, йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы.


Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн; дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


«Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — фидар ран цы зӕгӕл ныкъкъуырдӕуыд, уый сызмӕлдзӕн ӕмӕ рахаудзӕн, цыдӕриддӕр ыл ауыгъд уыди, уыдон ныппырх-нызгъӕлӕн уыдзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы тӕрхоны бон, ӕппӕт адӕмтӕн сӕ Тӕрхоны бон! Ӕмӕ, дӕхӕдӕг куыд кодтай, афтӕ дын бакӕндзысты дӕхицӕн дӕр, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ.


Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъист уыдзӕн йӕ быны».


Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan