Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20-21 Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр Мардохей фӕфыста ӕмӕ йӕ фыстӕг Ксерксы паддзахады цӕрӕг иудейӕгтӕм — дард ран уой, хӕстӕг ран уой — се ’ппӕтмӕ дӕр фервыста, цӕмӕй ӕрвылаз адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм ӕмӕ фынддӕсӕм бонтӕ бӕрӕг кӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:20
16 Iomraidhean Croise  

Ма рох кӕнут Йӕ диссӕгтӕ, Йе ’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ тӕрхӕттӕ.


Ксерксы заманы уыди уый, йӕ паддзахад — сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы — Индийӕ Эфиопимӕ кӕмӕн ӕххӕссыд, уыцы Ксерксы.


Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр.


Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи ’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой.


Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.


Уымӕ гӕсгӕ хъӕуты цӕрӕг иудейӕгтӕн адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон у цины бон, бӕрӕгбон, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хуынтӕ фӕхӕссынц.


Уымӕн хуыйнынц уыцы бонтӕ Пурим: дзырд «пур»-мӕ гӕсгӕ. Фыстӕджы цы дзырдӕуыди ӕмӕ сӕхӕдӕг цы федтой ӕмӕ бавзӕрстой, уыдон бахынцгӕйӕ, иудейӕгтӕ уынаффӕ рахастой: сӕхицӕн, сӕ байзӕддӕгтӕн ӕмӕ сын сӕ дин чи райса, уыцы ӕцӕгӕлӕттӕн се ’ппӕтӕн фӕткӕн баззайӕд ӕрвылаз уыцы дыууӕ боны, ӕгъдау куыд амоны, афтӕ бӕрӕг кӕнын.


Ӕхсин-паддзах Естер, Авихаилы чызг, иудейаг Мардохеимӕ ногӕй ныффыста Пуримы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ бӕрӕгбон сфидар кодта. Ӕмӕ фӕхӕццӕ ис уыцы фыст, цардамонд ӕмӕ ӕдасдзинадыл дзурӕг, Ксерксы паддзахады сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы цӕрӕг иудейӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».


Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan