Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уыцы бон Ксерксы паддзахады алы кӕрӕтты иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты сӕ сахарты, цӕмӕй сӕ фыдгултӕн аккаг фӕуой. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ ничи фӕлӕууыди — адӕмтӕ сӕ иууылдӕр старстысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:2
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.


Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.


Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.


иудейӕгты цыфыддӕр знаг Аманы, Хаммедатайы фырты, дӕс фырты. Сӕ амӕттӕгты мулкмӕ нӕ фӕцагайдтой иудейӕгтӕ.


Фӕтӕригъӕд кӕндзӕн мӕгуырӕн, мӕгуыр адӕмы фервӕзын кӕндзӕни,


Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты.


Хӕстмондагӕй цъӕх арт уадзут, фӕлӕ ризут, адӕмтӕ! Ӕрбайхъусут, дард бӕстӕтӕ! Хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут, хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут!


Фӕлӕ нӕ Сигон, Хешбоны паддзах, йӕ зӕххыл ацӕуын нӕ бауагъта. Сызнӕт ӕй кодта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ зӕрдӕ йын ныддур кодта, цӕмӕй уын ӕй уӕ къухмӕ ратта, ӕцӕгдӕр куыд рауадис, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмты зӕрдӕйы Дунедарӕджы фӕндӕй сабухта хиваст туг ӕмӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы номыл ӕгъатырӕй ныццӕгъдой. Дунедарӕг афтӕ фӕдзӕхста Моисейӕн.


ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan