Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Шушаны цӕрӕг иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты ӕртындӕсӕм ӕмӕ цыппӕрдӕсӕмы. Ӕртыккаг бон ӕрсабыр сты — сӕхицӕн цины бон, бӕрӕгбон, скодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:18
7 Iomraidhean Croise  

Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.


Дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон ралӕууыди. Уыцы бон паддзахы уынаффӕ хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдаид, ӕмӕ знӕгтӕ сӕхицӕн ныфс ӕвӕрдтой, абон иудейӕгты нӕ къухтӕм хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хъуыддаг цӕхгӕр ӕндӕрхуызон рауад: сӕхӕдӕг иудейӕгты къухтӕм бахаудтой.


Шушаны фидары мӕрдты нымӕц уыцы тӕккӕ бон паддзахӕн фехъусын кодтой.


«Кӕд паддзахӕн фӕндон у, — дзуапп радта Естер, — уӕд бар раттӕд, цӕмӕй райсом дӕр Шушаны иудейӕгтӕ абоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ та цӕджындзыл ауыгъд ӕрцӕуӕнт».


Адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон та Шушаны иудейӕгтӕ ногӕй ӕрбамбырд сты ӕмӕ ма ноджы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардтой, фӕлӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.


Уыцы бон Ксерксы паддзахады алы кӕрӕтты иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты сӕ сахарты, цӕмӕй сӕ фыдгултӕн аккаг фӕуой. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ ничи фӕлӕууыди — адӕмтӕ сӕ иууылдӕр старстысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan