15 Адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон та Шушаны иудейӕгтӕ ногӕй ӕрбамбырд сты ӕмӕ ма ноджы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардтой, фӕлӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.
Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.
иудейӕгты цыфыддӕр знаг Аманы, Хаммедатайы фырты, дӕс фырты. Сӕ амӕттӕгты мулкмӕ нӕ фӕцагайдтой иудейӕгтӕ.
Ӕмӕ паддзах загъта ӕхсин-паддзах Естерӕн: «Иудейӕгтӕ Шушаны ралӕууыдысты ӕмӕ амардтой фондзсӕдӕ адӕймаджы, уыдонимӕ Аманы дӕс фырты дӕр. Цымӕ паддзахады иннӕ рӕтты та цы бакодтой? Дӕу куыд фӕнды? Цавӕр курдиат ма дӕм ис? Ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн».
«Кӕд паддзахӕн фӕндон у, — дзуапп радта Естер, — уӕд бар раттӕд, цӕмӕй райсом дӕр Шушаны иудейӕгтӕ абоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ та цӕджындзыл ауыгъд ӕрцӕуӕнт».
Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты.
Паддзахады ӕндӕр рӕтты цӕрӕг иудейӕгтӕ дӕр ӕрбамбырд сты, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной ӕмӕ се знӕгтӕй фервӕзой. Сӕ фыдгултӕй ӕвдай фондз мин адӕймаджы ныццагътой, фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.
Уыцы бон Ксерксы паддзахады алы кӕрӕтты иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты сӕ сахарты, цӕмӕй сӕ фыдгултӕн аккаг фӕуой. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ ничи фӕлӕууыди — адӕмтӕ сӕ иууылдӕр старстысты.
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».