Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:14
9 Iomraidhean Croise  

бафӕдзӕхстон, цӕмӕй, мӕ паддзахады Израилы адӕм, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чи ис, уыдонӕй Йерусалиммӕ кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдон ацӕуой йемӕ.


Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.


Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах.


«Кӕд паддзахӕн фӕндон у, — дзуапп радта Естер, — уӕд бар раттӕд, цӕмӕй райсом дӕр Шушаны иудейӕгтӕ абоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ та цӕджындзыл ауыгъд ӕрцӕуӕнт».


Адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон та Шушаны иудейӕгтӕ ногӕй ӕрбамбырд сты ӕмӕ ма ноджы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардтой, фӕлӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.


Ӕнӕхуыцау ӕрхауди — ӕмӕ нал ис, рӕстуды хӕдзар нӕ фенкъуысдзӕн.


Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.


Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan