Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон ралӕууыди. Уыцы бон паддзахы уынаффӕ хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдаид, ӕмӕ знӕгтӕ сӕхицӕн ныфс ӕвӕрдтой, абон иудейӕгты нӕ къухтӕм хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хъуыддаг цӕхгӕр ӕндӕрхуызон рауад: сӕхӕдӕг иудейӕгты къухтӕм бахаудтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 9:1
13 Iomraidhean Croise  

Лидзӕг сӕ фӕкодтай мӕ разӕй ӕмӕ ӕз ныццагътон ме сӕфтмӕ бӕлджыты.


Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ.


Ксерксы паддзахады алы бӕстӕйы дӕр уыцы иу бон — дыууадӕсӕм мӕйы, адары, ӕртындӕсӕмы.


Уымӕн ӕмӕ, мӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕсгӕйӕ, ӕз ӕнцад куыд лӕууон, куыд кӕсон ӕнцад мӕ туг, ме стӕджы сӕфтмӕ?»


Уый уыди адары мӕйы ӕртындӕсӕм бон. Дыккаг бон ӕрсабыр сты — сӕхицӕн цины бон, бӕрӕгбон, скодтой.


Фыр удхарӕй баруадтӕн, мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын, мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару, бахус сты ме стджытӕ.


Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр мӕ ӕцӕг уырны: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй».


Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.


Муртаттӕгты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн — хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн — фиддон раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan