Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:9
10 Iomraidhean Croise  

Хилкиайы фырт Елиаким, Шевна ӕмӕ Йоах бахатыдысты Ассирийы паддзахы дзагдармӕ: «Мах зонӕм арамейӕгты ’взаг, ӕмӕ уыцы ’взагыл дзур Дӕ цагъартимӕ, дзуттаг ӕвзагыл нӕ, фӕлӕ, цӕмӕй нӕм сахары сисӕй адӕм ма хъусой».


Асайӕн йӕ паддзахиуӕджы фынддӕсӕм аз, ӕртыккаг мӕйы, иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Йерусалимы.


Ксерксы заманы уыди уый, йӕ паддзахад — сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы — Индийӕ Эфиопимӕ кӕмӕн ӕххӕссыд, уыцы Ксерксы.


Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр.


Паддзах Ксеркс снысан кодта ног хъалон — денджызгӕрон зӕххытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ зӕххытӕн дӕр.


Ӕз, паддзах Навуходоносор, дзӕбӕхӕй мӕ галуаны цардтӕн, мӕ хӕдзары ӕнӕмӕтӕй мӕ бонтӕ ӕрвыстон.


Дарий йӕ паддзахад ӕхсӕзыссӕдз лӕджы бар бакодта


Уӕд Дарий фехъусын кодта: «Дунейы адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ! Фарн уӕм бадзурӕд!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan