Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ныр сымах дӕр паддзахы номӕй бардзырд ныффыссут иудейӕгты тыххӕй, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цавӕр хъӕуы, ахӕм. Паддзахы къухдарӕнӕй йӕ сфидар кӕнут: паддзахы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйӕн ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:8
9 Iomraidhean Croise  

Иезавел фыстӕджытӕ ныффыста Ахавы номӕй, уый мыхуыр сыл сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ арвыста, Навот кӕм царди, уыцы сахары хистӕртӕ ӕмӕ номджынтӕм.


Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр.


Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи ’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой.


Паддзах Ксерксы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйы халдихтӕ паддзахы дугъон бӕхтыл бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтой фидиуджытӕ.


Загъта: «Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх ис ӕмӕ йын кӕд уыцы хъуыддаг фӕндон у ӕмӕ йӕ растыл нымайы, уӕд аивӕд, агагаг Хаммедатайы фырт Аман ӕппӕт паддзахады иудейӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый.


Паддзах, уӕдӕ ныр ацы бардзырдыл дӕ къух ӕрӕвӕр, цӕмӕй, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ уымӕн дӕр фехалӕн ма уа».


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan