Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмӕ загъта паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейӕн: «Ӕз Аманы исбон радтон Естерӕн, йӕхи та йын цӕджындзыл сауыгътой, иудейӕгты кӕй цӕгъдын кодта, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:7
7 Iomraidhean Croise  

Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.


Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах.


Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan