Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уымӕн ӕмӕ, мӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕсгӕйӕ, ӕз ӕнцад куыд лӕууон, куыд кӕсон ӕнцад мӕ туг, ме стӕджы сӕфтмӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:6
9 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ лӕппу мемӕ куынӕ уа, уӕд куыд ӕрлӕудзынӕн нӕ фыды раз? Уый удхармӕ кӕсын нӕ бауыдзӕни мӕ бон».


Загътон паддзахӕн: «Ӕнустӕм нын цӕра паддзах, куыннӕ уон ӕнкъард, кӕд ӕмӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахар гӕныстонӕй лӕууы, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты!»


Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».


Дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон ралӕууыди. Уыцы бон паддзахы уынаффӕ хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдаид, ӕмӕ знӕгтӕ сӕхицӕн ныфс ӕвӕрдтой, абон иудейӕгты нӕ къухтӕм хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хъуыддаг цӕхгӕр ӕндӕрхуызон рауад: сӕхӕдӕг иудейӕгты къухтӕм бахаудтой.


О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.


Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!


Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan