Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Паддзах йе ’нгуылдзӕй, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй райста, уыцы къухдарӕн рафтыдта, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта, Естер та йӕ Аманы исбонӕн уагдарӕй сӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:2
11 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Мардохейы лӕгдзинад ӕмӕ намысджын хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, паддзах ӕй цы бӕрзӕндтӕм систа, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сӕ бынат ссардтой Миди ӕмӕ Персы азфыстыты.


Уӕд паддзах йе ’нгуылдзӕй къухдарӕн рафтыдта ӕмӕ йӕ Аманӕн, агагаг Хаммедатайы фыртӕн, дзуттӕгты удхорӕн, радта. Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Ацы ӕвзист дӕу уӕд, уыцы адӕмӕн та, цы дӕ фӕнды, уый кӕн».


Цӕссыгкалгӕ та Естер ногӕй паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй уый сӕххӕст кӕнын ма бауадза агагаг Аманы фыдвӕнд иудейӕгты ныхмӕ.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan