Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:17
17 Iomraidhean Croise  

Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.


Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».


Уый уыди адары мӕйы ӕртындӕсӕм бон. Дыккаг бон ӕрсабыр сты — сӕхицӕн цины бон, бӕрӕгбон, скодтой.


Уымӕ гӕсгӕ хъӕуты цӕрӕг иудейӕгтӕн адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон у цины бон, бӕрӕгбон, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хуынтӕ фӕхӕссынц.


Уыцы бон Ксерксы паддзахады алы кӕрӕтты иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты сӕ сахарты, цӕмӕй сӕ фыдгултӕн аккаг фӕуой. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ ничи фӕлӕууыди — адӕмтӕ сӕ иууылдӕр старстысты.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты иудейӕгтӕ сӕ фыдгултӕй фервӕзтысты, уыцы бонты сӕ хъыг цинмӕ раивта, сӕ маст — бӕрӕгбонмӕ. Уӕдӕ сын суӕнт уыдон циндзинад ӕмӕ куывды бонтӕ, кӕрӕдзимӕ хуынтӕ куыд хӕссой, мӕгуыртӕн лӕвӕрттӕ куыд кӕной!


Бынӕттон уӕлдӕр хицауӕй, ӕнӕуи хицауӕй, бардарӕй, паддзахы хъуыддӕгтӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй — иууылдӕр Мардохейы тасӕй дзуттӕгты фарс фесты.


ныккалдтой-иу ӕнаххос туг — сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты туг. Нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи кодтой тугӕй.


Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг! Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт, цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ, Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!


Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы.


Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.


Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд тас бацыди нӕ зӕрдӕты ӕмӕ нӕ иумӕ дӕр уӕ ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс нал ис, уымӕн ӕмӕ базыдтам: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕлдариуӕг кӕны уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр, уӕле дӕр ӕмӕ дӕле дӕр.


ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.


Де ’ххуырстыты бафӕрс, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзысты. Гъемӕ мын ды дӕр мӕ лӕппутӕм хорз цӕстӕй ракӕс, уымӕн ӕмӕ дӕм фарны бон ӕрбацыдыстӕм. Ратт, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъартӕ ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн, дӕ къух цы амоны, уый“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan